АИШ-ы президент Дональд Трамп Эфиопийы сæйраг сахары, африкаг цæдисы саммитыл æмбырд африкаг лидертæм фыстæгæй æрсидтис. Доанльд Трамп африкаг адæмы æрдæм цытлæвæрд æвдисы æмæ хъусын кæны, цæмæй паддзахадон нымæрдар марты араст уыдзæн дæргъвæтин турнемæ. Уый фæдыл информацийы хæлиу кæны Associated Press.
Агентады информацийæ, фыстæджы мидæг банысангонд у, цæмæй АИШ-æ стыр кад кæны АИШ-ы æмæ африкæгты æхсæн партнерон ахастытæн æмæ иуæмæйаг аргъдзинæдтæн. Афтæдæр хаххгондæй у банысангонд цæмæй континентыл америкаг æфсæддæттæ фæрсæй-фæрстæм иумхæцынц экстремизмы ныхмæ æмæ уый цæмæй АИШ кусы «сæриабр рæстаг æмæ дыууæфарсон базарадон ахастыты æмæ легалон миграцийы фарстыты партнерад райрæзын кæнынæн».
Фæнысанкæнинаг у уый æмæ 12 январы, Дональд Трамп, овалон кабинеты уынаффæйы рæстæджы уыцы бæстæты, кæцытæй АИШæм ныццæуынц мигранттæ «æхсæнткалæн хуынчъытæй» схуыдта.