Дональд Трамп – æз серьезонæй хъуыды кæнын Уæрæсейыл егъау банкон санкцитæ æмæ тарифтæ æрæвæрын, цалынмæ æхсты фæурæд æмæ кæронбæттæн сабырадон бадзырд нæ сырæздзæн
Дональд Трамп – æз серьезонæй хъуыды кæнын Уæрæсейыл егъау банкон санкцитæ æмæ тарифтæ æрæвæрын, цалынмæ æхсты фæурæд æмæ кæронбæттæн сабырадон бадзырд нæ сырæздзæн

«Æз серьезонæй хъуыды кæнын Уæрæсейы ныхмæ егъау банкъон санкцитæ æмæ тарифтæ æрæвæрын, цалынмæ æхсты фæурæд æмæ кæронбæттæн сабырадон бадзырд нæ сырæздзæн», – ныффыста АИШ-ы президент Дональд Трамп социалон медийы.

Трамп Уæрæсе æмæ Украинæмæ æрсидтис бадзырдты фынгыл æрбадын.

«Уый тыххæй, цæмæй   Уæрæсе ныр  «куынæг кæны» Украинæйы хæсты быдыры, æз серьезонæй хъуыды кæнын Уæрæсейыл стыр банкон санкцитæ, базарадон арæнæвæрдтæ æмæ тарифтæ æвæрын, цалынмæ æхстытæ æрлæууын æмæ кæронбæттæн сабырадон бадзырд нæ æрцæуа, уæдмæ». Сидын Уæрæсе æмæ Украинæмæ, æрбадут бадзырдты стъолы уæлхъус ныртæккæ, цалынмæ æгæр нæ  байрæджы ис, уæдмæ. Бузныг! – Трамп социалон хызæгты фыссы.