Дональд Трамп æвзарæнон бал Джорджиайы штаты хъæлæсты бахыгъд бауромыны нысанæн бахъаст кодта
Дональд Трампы æвзарæнон бал, Джорджиайы штаты хайы, хъæлæсты бахыгъд бауромынæн хъаст бавдыста. Джорджиа нысаниуæгджын штат у, цы ран нырма иунæг кандидаты уæлахиздзинад нырма нæ райхъусын кодтой.
Хъасты мидæг дзырдæуы, цæмæй Республикаг цæстдарæг федтой, фæлæ Четемы зылды иуæй-иу æвзарæнон кусæг бафтыдта 53 фæстиатгонд постон бюллетенты, афоныл бацæугæ бюллетентæм. Джорджиайы штаты бюллетентæ ист хъуамæ уа æвзæрстыты бон, 19:00 сахаты онг.
Ай у цыппæрæм штат, цы ран архайæг президент райдыдта юридикон дау. Трамп æвзарæнон бал архайы, бауромын хъæлæсты бахыгъд уыцы рæтты, цы ран уырнæг у, цæмæй «бюллетентимæ фæлывдмигæнгæйæ архайынц». Трампы æвзаранон бал уæдмæ ахæм скуыддзаг райста Мичиганы, Пенсильванийы æмæ Висконсины.