Дмитро Кулеба тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны миссимæ сиды бæлвырдгæнæнтæ бамбырд кæнынмæ Бучамæ  ныццæуынмæ
Дмитро Кулеба тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны миссимæ сиды бæлвырдгæнæнтæ бамбырд кæнынмæ Бучамæ ныццæуынмæ

Украинайы фæсарæнхъуыддæгты министр Дмитро Кулеба  тугтæрхоны барады æхсæнадæмон   тæрхондоны миссимæ æмæ æхсæнадæмон  организацитæм  сиды, куыд гæнæн ис  афтæ тагъд ныццæуой Бучамæ  æмæ Киевы алфæмбылай  хæъутæм, цæмæй æрымбырд кæной  уырыссæгтæ  цы фыдракæндтæ  кодтой  уыдоны  бæлвырдгæнæнтæ.

Кулебайы дзырдæй, зæгъгæ ацы  бæлвырдгæнæнтæ  æхсæнадæмон  тæрхондæттæм уыдзæн бавдыст, цæмæй  ацы залым митæ гæнджытæ æнæмæнгæй  æфхæрд æрцæуæд.

«Нырма дæр æмбырд кæнæм  æмæ агурæм мардыбуæрттæ, фæмардуæвджыты  нымæц  сæдæгайæ фылдæр у.  Мæрдтæ   афтæ хауд сты уынгты.  Уыдон нын нæ сабр цæрджыты ныццагъдтой  ацы  хъæуты. Кæд уæдмæ дзырдтон цæмæй алцыппæт сарызтаин, цæмæй  æфсæддон   фыдгæнджытæ  тæрхонмæ лæвæрд æрцæуой, уæд ныр  уырнæг дæн, цæмæй  уый  суыдзæн мæ  царды хъуыддаг, кæцыйы  тыххæй архайдзынæн  мæ  фæстаг сулæфтмæ.  Уæдмæ  цалынмæ  дзуаппмæ лæвæрд нæ уыдзысты» –  райхъусын кодта  Кулеба.

Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министры дзырдæй, ахæм  хабар сфæлгондзын 21-æм æнусы  гæнæн  нæ  уыд, фæлæ  Украинайы æрцыд.  Кулебайы  дзырдæй, Уæрæсе  нырид  террористон организаци «Исламы Паддзахадæй» фыддæрдæр у.