Дмитро Кулеба Германийы хицауадмæ – ма сфæлхатт кæнут Меркелы, Бухаресты рæдыд, 2008 азы альянсы уынаффæ йæ фæндаг байгом кодта Путинæн, Гуырдзыстонмæ ныббырсынæн, стæй та Хъырымы анекси скæнынæн
Украинайы фæсарæн ъуыддæгты министр, Дмитро Кулеба дзуры, цæмæй 2008 азы Бухаресты саммиты рæстæджы альянсы уынаффæ фæндаг байгом кодта Владимир Путинæн 2008 азы Гуырдзыстонмæ бабырсынæн, стæй та Хъырымы анекси скæнынæн.
«Украина 2014 азы куы уыдаит НАТО-ы уæнг, Хъырымы анекси, хæст Донбасы æмæ Украина æппæтт территормимæ бырст не рцыдаит», – райхъусын кодта Кулеба æмæ æрсидтис Германийы хицауадмæ, ма сфæлхат кæнæт Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны куылымпы кæныны æрдгæй Ангела Меркелы канцлерæй уæвыны периоды рæдыд.
«Ма сфлæхат кæнут канцлер Меркелы рæдыд, кæцыйы уый æруагъдта 2008 азы Бухаресты, тызмæг йæ ныхмæ куырацыд НАТО-йы уæнгсуæвыны æрдгæй Украинайы прогрессæн», – банысан кодта Кулеба.
Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр дзуры, цæмæй хæсты цыды рæстæджы Украинайы НАТО-йы уæнгсуæвыны æнхъæл нæу.
«Фæлæ хæсты фæстæ Европæйæн хиамарын уыдзæн альянсмæ Украина куы нæ райса уый», – дзуры Кулеба.