Дмитрий Песков – Украинаг æфсæддæттæ хæцæнгарз куы æркалой æмæ  Киевы сыххæст кæна Уæрæсейы æркуырдтæ, уæд алцыппæт 24 сахатмæ фæуыдзæн
Дмитрий Песков – Украинаг æфсæддæттæ хæцæнгарз куы æркалой æмæ Киевы сыххæст кæна Уæрæсейы æркуырдтæ, уæд алцыппæт 24 сахатмæ фæуыдзæн

Украианг  æфсæддæттæ  хæцæнгарз куы æркалой æмæ Киев сыххæст кæна Уæрæсейы  æркуырдтæ, уæд алцыппæт  24 сахатмæ  фæуыдзæн, –  уый фæдыл  фидиуæн сарызта   Уæрæсейы бункеры æмбæхсæг президенты прес-нымæрдар  Дмитрий Песков. Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ хаст кæрон скæнынæн, Украинайы хицауад хъуамæ адæтта хæцæнгæрзтæ ркалыны фæдыл бардзырд.

«Украинаг фарсæн йæ бон у, алцыппæт 24 сахатмæ  кæрон скæнын, хъæуы бардзырд, цæмæй   националистон  дæлхайадтæ  æркалой хæцæнгарз æмæ алцыппæт гæнæн ис фæуа  иннæ  24 сахаты мидæг», – райхъусын кодта Песков.

Путины пресснымæрдар  афтæ  ратта дзуапп,  журналисты фарстыл, кæцы æххæссыд  Украинайы  президенты фидиуæнмæ, ома уый хæст кæрон скæнын фæнды зымæгмæ.  Песков афтæма   загъта, цæмæй «хæстон  операци  Украинайы цæуы  планмæ гæсгæ æмæ йæ фæуды  æмгъуыд бæргæ  нæу».  Песковы  дзырдæй,  уый фæуыдзæн  Уæрæсейы  рардтæ  куы сыххæст уыдзысты,  уый фæстæ.

Песков ма афтæдæр фæныхас кодта НАТО-ыл дæр, æмæ  загъта, цæмæй  цæгататлантикон альянс арызт уыд конфронтацийы  нысанæн. Йæ дзырдæй, зæгъгæ НАТО-планы дзуаппæн  стынг кæна хурыскæсæн  флангы хъахъъхæдад, Уæрæсе ныгуылæны арæнтæ сфидар кæныны  план бакусдзæн.

«Уый у блок, кæцы  конфронтацийæн  уыд арызт, афтæ  демонстраци кæны йæ  уæвыны апп  æмæ æххæст кæны раздæр  æвæрд рард», –  райхъусын кодта Песков.