Дмитрий Песков - Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл референдум æвдисы бынæттонты ахаст, фæлæ Мæскуы ацытæккæ фæнысангонд темæйыл ницы куыст кæны
Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацыды фæдыл референдум æвдисы бынæттонты ахаст, фæлæ Мæскуы ацытæккæ фæнысангонд темæйы нæ кусы – уырыссаг медийы хъусинагæй, уый фæдыл Уæрæсейы президенты прес-спикер Дмитрий Песков фехъусын кодта.
«Куыд æмбарæм афтæмæй, æцæгдæр æвдисы республикæйы æддагон равг, Республикæйы цæрджыты æмæ ацы республликæйы раззаг къухдариуæггæнæджы ахаст. Фæлæ лæвæрд момент Уæрæсейы планты ацы æрдæм ницы куыстытæ нæй»- райхъусын кодта Песков 17 июлы оккупацигонд Цхинвалы регионы плангонд а.х. референдумыл ныхасы рæстæджы.
Фарстыл, зæгъгæ нымайынц æви нæ Кремлы цæугæ уавæры ахæм референдум нысанæмрастыл, Песков сдзуапп кодта, ома уый фыццаджы дæр у «республикæйы цæрджыты, йæ нырыккон къухдариуæгады хъуыддаг æмæ ам фылдæр хъæуы сæ позицимæ ориентаци кæнын».