Дмитрий Медведев – хæсты  фембæлдыцауы Уæрæсейы ныууæнгтæ кæндзысты  æмæ Уæрæсе нал уыдзæн
Дмитрий Медведев – хæсты фембæлдыцауы Уæрæсейы ныууæнгтæ кæндзысты æмæ Уæрæсе нал уыдзæн

Хæсты  фембылды  цауы,  Уæрæсейы  ныппырх  кæндзысты æмæ   йæ уæвынад  аскуындзæн – уый фæдыл  Уæрæсейы  æдасдзинады  советы сæрдар  Дмитрий Медведев   райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ,  кæд АИШ  аскуындзæни  хæцæнгарз дæттын Киевæн, уæд хæст фæуыдзæн.

«Алы зондджын тыхæн бæрæг у,  цæмæй  кæд АИШ-ы  фæнды Уæрæсейы  абырсын, уæд мах   дунейы  конфликты  арæныгæрон стæм.   Кæд АИШ-ы  фæнды  Уæрæсейы  басæттын, уæд  нын ис бар,  нæхи  бахъахъхъæнæм  кæцыфæнды  хæцæнгарзæй, уый нымæц  атомон хæцæнгарзæй. Кæд Уæрæсе фæуромдзæн   специалон æфсæддон   операци, уæд  нæ фæуæлахиз уыдзæн, Уæрæсе нал уыдзæн,  ныууæнгтæ йæ кæндзысты. Кæд АИШ-æ  ныууадздзæн  хæцæнгарзæй  Киевы ифтонг кæнын,  уæд хъæст фæуыдзæн», – фыссы «Телеграммы»  Дмитрий Медведев.