Дманисы  бацæуæны цур  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы  исæг къорды физиконæй  бафхæрдтой
Дманисы бацæуæны цур Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг къорды физиконæй бафхæрдтой

Дманисы  бацæуæны  цур цы ран  барадхъахъъхæнджытæ  фæндаг æрыхгæдтой, физикон быцæудзинад  сырæзт.

Кæрæдзимæ фæбыцæу сты  æвзонгты дыууæ корды.

Быцæудзинады  хайадисæг уæнгтæ  физиконæй бафхæрдтой  бынатыл уæвæг  Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы исæг корды,  журналисты, операторы  æмæ фоторепортеры, кæцытæ Дманисы  цæугæ  фæзындтæ рухс  кодтой.

Дманисы, иуæй-иу дуканийы цур быцæудзинад знон æрцыд. Инциденты рæстæджы дуканийы хицауы фæнадтой. Скуынæг ис  дуканийы  инфраструктурæ. Иуæй-иу   бынæттон   рауагъдад   знон ахæлиу кодта инциденты  æвдисæг видео-кадртæ, кæцы  дуканийы  цур монтажгонд цæстдарæн камерæ  сфиксир кодта.  Æнæхъæн æхсæвы дæргъы  Дманисы  пъæлицæйы  хайады цыдис æрфарст.  Дманисы  фæзындты тыххæй  цалдæр адæймаг сты  ахст.

Уыимæ  иумæ   Дманисы  абон сæумæрасомæй   уавæр  фæкарз ис.   Бынæттонты æхсæн  быцæудзинад  цалдæр хатт æрцыд.  Уавæры  æрсабыр кæнын   архайдтой барадхъахъхъæнджытæ.

Бынатыл  абон нуыдысты   Гуырдзыстоны мидхъыддæгты  министр Вахтанг Гомелаури,  паддзахадон æдасдзинады  куысты къухдариуæггæнæг   Григол Лилуашвили æмæ  парламенты  хæдуынаффæйы комитеты  сæрдар  Созар Субари  æмæ  парламенты уæнг Гоги Мешвелиани.