Дманисы ацы рæстæгмæ уавæр æрсабыр ис. Дманисы бацæуæны пъæлицæй тыхтæ сты мобилизацигонд.
Бынатæй Гуырзыстоны Фыццаг Каналы журналист куыд хъусын кæны афтæмæй, патрулон пъæлицæйы æмæ сæрмагонд хæслæвæрдты департаменты кусджытæ фæндаг сыхгæдтой.
Уыимæ иумæ абон Дманисмæ ныццыдысты Гуырдзыстоны мидхъыддæгты министр Вахтанг Гомелаури, паддзахадон æдасдзинады куысты къухдариуæггæнæг Григол Лилуашвили æмæ парламенты хæдуынаффæйы комитеты сæрдар Созар Субари æмæ парламенты уæнг Гоги Мешвелиани.
Бакой уын кæндзыстæм Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады информацийæ, знон Дманисы, цардуагон æфсонæй бынæттон кæрæдзимæ фæбыцæу сты, кæцы айрæзтис кордон тыхмидзинадмæ.