Дэниел Фрид - нæнтысгæйау цы зыны, уый гæнæн ис рæхджы æнæфæцудгæ бауа æмæ Гуырдзыстон фæрæзты рудзынгы байгоммæ цæттæйæ хъуамæ амбæла
Бакусут реформæтыл, фæтыхджындæр кæнут экономикæ, бамбырд кæнут политикон капитал æмæ хъæугæ афон сымах æрцæудзыстут æнтыстмæ, – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары раздæры хæдивæг, Дэниел Фрид Тбилисы экономикон политикæйы иртасаг центры æмæ Маккейны институты организацигонд радæй фæндзæм æхсæнадæмон конференцийыл райхъусын кодта.
Дэниел Фрид куыд банысан кодта, афтæмæй, НАТО-йы уæнгсуæвыны æрдгæй, уый цыдæриддæр ерын зыны, гæнæн ис тагъд æнæфæцудгæ бауа æмæ Гуырдзыстон ацы фæрæзты рудзынгы байгоммæ цæттæйæ хуъамæ амбæла.
«Гуырдзыстонæн æвзæр хабар у уый, цæмæй ныр НАТО-йы уæнгсуæвын у вазыгджын æмæ æнæнтысгæ дæр ис гæнæн банымайын. Бухаресты саммиты æрвитæггаг рафæлхатт ис, фæлæ реалонæй ницы цæуы. Хорз хабар у, Гуырдзыстонмæ НАТО-ы уæнгсуæвыны уыцы инструменттæ кæй ис, кæцытæм Польшæ 1999 азы бæллын дæр нæ уæндыд. Æфсæддон æмкуысткæнынад Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн, НАТО-йы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æххæссы алы бындурон элементмæ, кæцы Гуырдзыстоны хъæуы альянсы уæнгæй суæвынæн.
Абоны политикон равæрд ахæм у, æмæ Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны фæдыл дискусси зындзинæдтæй едзаг у, фæлæ фæстаг 30 азы фæлтæрддзинад нын амоны, цæмæй ацы равæрд æнæивгæ никуы уыдзæн. Уæ зæрдыл бадарут уый æмæ абон нæнтысгæйау цы зыны, уый гæнæн ис рæхджы æнæфæцудгæ бауа æмæ Гуырдзыстон ацы фæрæзты рудзынгы байгоммæ цæттæйæ хъуамæ амбæла. Ацы рудзынг та æнæмæнгæй байгом уыдзæн. Уый нын амоны историон фæлтæрддзинад. Азты размæ Польшæйы НАТО-мæ райстыл хынджылæг кодта алчи, фæлæ уый реалондзинадæй фестад. Уый тыххæй, гуырдзиæгтæн уынаффæ кæнын, байхъусæт балтийбылаг хæлæрттæм, уыдон ацы фæндаг рацыдысты æмæ æнæмæнгæй сыххæст кæнут уæ хæдзарон куыст. Гуырдзыстоны хъæуы æмæ йæ бон у политикъон капитал æрымбырд кæнын. Уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ у демокративон институтты фæтыхджындæр кæнын, æнæрхъуыды къахдзæфтæ ма хъуамæ саразат, алы гуырдзиаг æмбары цæй зæгъын мæ фæнды. Бакусут реформæтыл, фæтыхджындæр кæнут экономикæ, æрымбырд кæнут политикъон капитал æмæ хъæугæ афон æнтыстмæ æнæмæнгæй æрцæудзыстут», – райхъусын кодта Дэниел Фрид.