Дэниел Фрид – Гуырдзыстоны уавæр географионæй сегасдæр æвзæр у, фæлæ сæйраг, цæй  саразын у йæ бон Гуырдзыстонæн – у демократийы, сæрмагонд инстиутты æмæ  амонд саразын
Дэниел Фрид – Гуырдзыстоны уавæр географионæй сегасдæр æвзæр у, фæлæ сæйраг, цæй саразын у йæ бон Гуырдзыстонæн – у демократийы, сæрмагонд инстиутты æмæ амонд саразын

АИШ-ы паддзахадон  нымæрдары  раздæры хæдивæг, Дэниел Фрид  гуырдзиаг   журналисттимæ  Украинайы  цæугæ   хæстыл  æмæ  Гуырдзыстоны   уæвæг  уавæрыл  фæныхас кодта.

Дэниел Фрид  хъусын  кæны, цæмæй  сæйраг у, цы аразы  хицауад уый тыххæй, цæмæй бæстæ баввахс уа  европаг бинонтæм.  Йæ  дзырдæй, зæгъгæ  хицауад   алцыппæт  хъуамæ  сараза, цæмæй   рацараза  фидар институтты  бæстæ, кæцы  стынг  кæндзæн Гуырдзыстоны æмæ  бахъахъхъæндзæн  йæ  бынат Европаг бинонты  æхсæн.

«Гуырдзиаг политикæ мæ  хъуыддаг нæу.  Æз америкаг дæн, мæнæн ницы уæлдай  у , кæцы парти  фæуæлахиз уыдзæн  Гуырдзыстоны  æвзæрстыты.  Нысниуæгджын у, Гуырдзыстон рацараза  йæ демократи  æмæ стынг кæна йæ институттæ  афтæ, цæмæй  реалонæй суа  Европаг  бæстæ. Стæй та институцион арæзт  уыдзæн.  Æз  зонын, цæй кой кæнын. Польшайæгтæ  æмæ  балтийæгтæ, нæуæдзæм азты  сарызтой сæрмагонд демократи  сæхимæ  æмæ ацы æнтысты фидар бындурыл æнцойæ, стæй  загътой: «мах   хъуамæ баиу уæм Евроцæдисмæ, хъуамæ баиу уæм НАТО-мæ» æмæ сæ нысанмæ баххæссыдысты. Гуырдзыстоны географион равæрд сеппæтæй æвзæрдæр у, уый алчи зоны.  Мах уыйимæ разы стæм, фæлæ сæйраг, цæй саразын  йæ бон у Гуырдзыстонæн, у йæ демократийы саразын хæдзары, сæрмагонд институтты  стынг  кæнын  æмæ сæрмагонд амонд  стынг кæнын.  Уый у  фæндаг, куыд  стыхджын кæнæм Гуырдзыстоны æмæ раттæм йын  хуыздæр фидæн.  Куыддæриддæр уа,  уый у мæ сæрмагонд цæстæнгас.  Æхсæнадæмон трансформацийы  Гуырдзыстонæн  уыдис  куылымпыдзинæдтæ  æмæ прогресс дæр.    Хатт иу тынг цырд æмæ æнтыстджынæй фæцæуы  размæ, хатт та иу  фæсындæг вæййы.   Бирæтæ не мбарынц  иу  факт –  Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ фидæны амонд, ныр  фылдæр баст у Гуырдзыстонæн  йæхиуыл. Европæ  йæ къух радæтдзæн  Гуырдзыстоны  æнтыстæн  реформæты  процессы.   Æмæ та   ницы уæлдай у, кæцы парти  контрол кæны.  Кæцыфæнды  парти, «Картули Оцнеба», «Иугонд Националон Змæлд», «Гуырдзыстоны тыххæй». –  цы уæлдай у. Сегасдæр сæйраг у уый, цæмæй цы аразы хицауад  æмæ  хицауад та  алы амæлттæй  хъуамæ бацархайа уымæн, цæмæй рацараза  закъоны  паддзахад,  сараза  фидар  институтты бæстæ, кæцытæ  тыхджын кæндзысты Гуырдзыстоны æмæ бахъахъхъæндзысты йæ бынат  европаг нациты бинонты æхсæн», –  загъта Дэниел. Фрид.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдары  раздæры хæдивæгы фидиуæнæй,   уымæн зæгъгæ зынæмбарæн   у президент  Саломэ Зурабишвилийы ныхмæ импичмнты райдаыны бындур.

«Гоймаг, кæцыйы Гуырдзыстон раразмæ кæндзæн Дунемæ, мæ  хъуыдымæ гæсгæ, хъуамæ уа проевропаг  адæймаг, нæкæсгæ уымæ кæцы партимæ ис хицаудзинад  президент Зурабишвили  у адæймаг, кæцыйы  бирæ азы дæргъы зонын æмæ уый  уыдис Гуырдзыстоны  Европаг фидæны фидар  адвокат. Не мбарын  импичменты бындур, фæлæ уый мæ  хъуыддаг нæу. Факт  у,  цас фылдæр архайдзæн Гуырдзыстон йæхи пайдайæн,  куыд европаг  бæстæйæн, уый йас хуыздæр  цард нын уыдзæн», –  банысан кодта Фрид.

Уыимæ ма  Дэниел Фрид   Украинайы  цæугæ хæсты  тыххæй  райхъусын кодта, цæмæй хъуыды, цæвиттон  НАТО аххосджын у  Путины  Украинамæ бырстыл,   у  æдылы ныхас.

«Мæнмæ гæсгæ,  хъуыды ома  НАТО аххосджын  у  Путины Укринамæ  бырсты –  у æдылыдзыинад, хумæтæгæй  æдылы ныхас, факт у, цæмæй 2008 азы  Бухаресты  саммиты фæстæ ницы æрцыд  Украинайы  НАТО-имæ  ахастытæ фæхуыздæр кæнынæн. Ницы. Ноль, уый æнæхъæнæй  салд уыдис æмæ Путин  уæддæр бабырста.   Æфсонæн ницы иудзинад ис Украинайы æмæ НАТО-йы  ахастытимæ, уый фылдæр баст у  уыимæ, æмæ   Украина архайдта хæдбар курс ауадзын.  Раздæр куыд загътон афтæ  зæгъын ныр дæр, сарызтаит йæ  демократи  æмæ дзæбæхдзинад бæстæйы афтæ куыд хæдбардзинад. Мæнæ  ай у  æцæг  æфсон», – банысан кодта Фрид.