Дито Садзаглишвили – Паддзахад алы амæлттæй архайы, цæмæй Саакашвили протесты формæ ноджы фæкарздæр кæна
Михеил Саакашвили райгонд у адæймаджы барты тæрхондон знон цы уынаффæ рахаста æмæ цы рæстæгмæ мадзал райдыдта уымæй, – уый фæдыл экспрезидент Михеил Саакашвилийы адвокат Дито Садзаглишвили райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Михеил Саакашвили тынг райгонд у уыцы уынаффæйæ, кæцы знон рахаста адæймаджы барты Европаг Тæрхондон.
«Сидты тыххæй куы зæгъæм, реалонæй ацы уынаффæйы апп у уый, цæмæй Михеил Саакашвилийы æнæниздзинад уа хъахъхъæд, уый тыххæй падзахадæн уыд лæвæрд хæс, бæрæг архæйдтæ сыххæст кæнын æмæ Саакашвилимæ та уыдис сидт, нæхæргæ протест ныууадзыны тыххæй. Паддзахад нын архайы бауырнын кæнын, уый нымæцы байхъуыстон знон юстицийы министрады минæвары комментаримæ, цæвиттон нæхæргæ протест ныууадзын у уыдонæн дæр сæйраг нысан, фæлæ абон федтам цы сарызта юстицийы министрад, адймаджы барты Европаг тæрхондоны уынаффæйы фæстæ, министрад публикаци скодта кадртæ, кæцыты мидæг зыны, куыд тыхдзинад цæуы Саакашвилийыл, Саакашвилийæн ныскуыд кодтой йæ дарæс. Реалонæй, бæрæг у, цæмæй хицауады нысан уыдис Саакашвилийы джелбет бафхæрын ацы кадрты ахæлиу кæнынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый фæстæ лæууы хицауады реалон нысан у, цæмæй Саакашвили нæхæргæ протест уадзгæ нæ фæлæ, ноджы фæкарздæр кæна, кæнæ та уынæм, цæмæй паддзахад аразы алцыппæт, цæмæй Саакашвили ноджы фæкарздæр кæна протесты æнæуыйдæр уæззау формæ», – райхъусын кодта Садзаглишвили.