Димитри Садзаглишвилийы фидиуæнæй, Михеил Саакашвили тынг ныфсджын у
Саакашвилийæн нырма æрмæст мах фæрцы у йæ бон æхсæнадимæ коммуникаци. Ардгæй та бæрæг у, цæмæй хицауад тæрсы Саакашвилийæ, – уый фæдыл Михеил Саакашвилийы адвокат Димитри Садзаглишвили райхъусын кодта.
Уый ма афтæдæр аргъ скодта Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы ахæлиугонд гом фыстæгæн, кæцыйы мидæг дзырæдуы æндæр æмæ æндæр верситыл, цæмæй цы мотивтæ уыд Михеил Саакашвилийæн Гуырдзыстонмæ æрцæуын куы сплан кодта уæд.
Садзаглишвили куыд дзуры афтæмæй, зæгъгæ фæнысангонд фидиуæн у худинаггаг.
«Михеил Саакашвилийæн байстой телефонæй ныхасы бар, нæкæсгæ нæ куырдиатмæ, нæ нысан кæнынц процесстæ. Михеил Саакашвилийæн раттæт фадат, уа йын фадат хайад райсын тæрхоны процессы æмæ уым фæбæрæг уыдзæн йæ уавæр. Кæд Саакашвили уæззау психологион уавæры ис, уæд раст уый тыххæй хъуамæ раттиккой фадат æмæ дзы æхсæнад йæхи цæстæй фена, цы уавæры ис Саакашвили. Фæлæ бæрæг у, цæмæй ацы фыстæг у мæнг. Федтам йе рцахсты кадртæ. Æрвылбойнонæй нын ис коммуникаци ахæстоны æмæ мæ бон у зæгъын, цæмæй, Михеил Саакашвили у тынг хъæддых, цæрдæг æмæ хъуыдыйы дæр никуы руадздзæн, цæмæй Гъарибашвилийы ахæстоны уæвынæй куыд ис гæнæн Михеил Саакашвилийы басæттын», – райхъусын кодта Димитри Садзаглишвили.