Депутаттæ базонгæ сты хъахъхъæнынады министрады цæугæ æмæ плангонд реформæты тыххæй
Гуырдзыстоны хихъахъхъæнады министр Ираклий Чиковани æмæ хихъахъхъæнады тыхты командæгæнæг инæлар-майор Гиоргий Матиашвили парламенты уæнгтæн фысым кодтой.
Депутатты базонгæ кодтой хъахъхъæнынады министрады цæугæ æмæ плангонд реформæтимæ. Фембæлды сæйраг ныхас цыд Националон æфсæддон æрсидт æмæ æфсадмæ исыны агентады архайдыл. Хъахъхъæнынады кодексмæ гæсгæ, 2025 азы январæй æрсиддонтæ хъахъхъæнынады тыхты æрмæстдæр националон æфсæддон службæ æххæст кæндзысты. Националон æфсæддон æрсидт æмæ æфсадмæ исыны агентады минæвæрттæ парламентаритæн фехъусын кодтой æфсæддон службæмæ æрсидтыты ‘хсæн цымыдисдзинады рæзгæ динамикæйы тыххæй.
Закъондæттæг органтæн лæвæрд æрцыдысты онлайн-ресурстæ, цыран цымыдисгæнæг адæймæгтæн сæ бон у барвæндонæй сæхи ныффыссын онлайн, райсын дзуаппытæ фарстытæн, кæцытæ сæ цымыдис кæнынц, æмæ равзарын æфсæддон службæйы хуызтæ æмæ æмгъуыдтæ æрсидтæн. Ныхас баххæссыд æфсæддон регистрацийы системæмæ дæр, кæцыйы æххæст кæны æфсæддонты националон службæйы агентад, партнер бæстæты сеппæтæй хуыздæр практикæтæ хынцгæйæ.