Давосы  Дунейы экономикон формуы сегасæй бонджындæр уазджытæ
Давосы Дунейы экономикон формуы сегасæй бонджындæр уазджытæ

Давосы  экономикон  форумы  сеппæтæй  бонджындæр  адæймæгты номхыгъды публикаци кæны  бритайнаг verdict. Рауагъдады  бæрæггæнæнтæй,   ацы аз Швейцарийы  курортыл  æмбырд  миллиардер спикерты  нымæц рекордон у.

GlobalData Weath insight-ы бæрæггæнæнтæй,  сеппæтæй  бонджын   уазджыты   ранымады сæры лæууы Билл Гейтс, кæцыйы мулк ахызт 72 миллиард  долларæй. Йæ фæстæ цæуынц  китайаг   веб-фарсы  Alibaba-ы  директор  Джек Ма,  кæцыйы мулк  у 47  миллиард доллар.  Æртыккаг бынатыл  та ис  америкаг   Хедж-фонды  фæткдæттæг  Рей Далио -14,1 миллиард долларæй.

Бонджынты фондзы  æхсæн сты   интернет  портал  JD-ы бындурæвæрæг  Ричард Лью,  Bhart Enterproses-ы  бардарæг   Сунит  Бхарт  Митал.  

Æхсæзæм   бынат ахсы   Дональд Трамп, кæцыйы мулк у   5 миллиард доллар.  Уымæй  цъус  «мæгуырдæр» сты  афтæдæр америкаг  Saleforce –ы бындурæвæрæг  Марк Беньоф æмæ  Carlyle Group-ы  къухдариуæггæнæг  Девид  Рубенштейн. 

Фарастæм бынатыл ис   Украинæйы архайæг   лидер  Петро Порошенко, кæцыйы  мулк  у 1,6 миллиард доллар.

Специалистты ныхæстæм  гæсгæ,  кæд  æмæ  ацы  азы  форумы  спикерты  мулкы  æмткæйон  аргъ  бахыгъд кæндзыстæм, уæд сæ фæйнæмæ  хаудзæн  494  милуан долларæй  цъус фылдæр.

Давосы  экономикон форум  26 январы  онг аххæсдзæн.