Давит Залкалиани – Майк Помпеойы визиты фæдыл оппозицийы аргълæвæрд æнæсерьозонæй хоны
Худæг æмæ æнæсерьезон у. Серьезон дзуапп раттын дæр нæ хаъвын оппоненттæн, уымæн æмæ бæрæг у æхсæнадæмсон ахастыты бынтон æнæмбарындзинад æмæ нæзонынад, – уый тыххæй Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визиты фæдыл оппозицийы аргълæвæрдтыл комментарийы рæстæджы загъта.
«Ницæы логикæйы бады АИШ-ы паддзахадон нымæрдары визитæй спайда кæнайы мид политикон интересты. Ам сегасдæр сæйраг сигнал у Гуырдзыстоны стабилондзинады, бæстæйы политикон, экономикон рæзынадæн баххуыс кæнын. Регионы нæ ролы, куыд иуæй-иу лидер бæстæйæн баххуыс. Уый у визиты сæйраг сигнал», – фехуъсын кодта Залкалиани.
Афтæма Залкалианийы фидиуæнæй, «АИШ-æ йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн, бæстæйы стабилондзинадæн æмæ бæстæйы цы политикон процесстæ цæуынц, уыдонæн».
«Æвзæрстыты фæдыл сæ аргълæвæрдта арызт сты, кæцы тынг дзæбæх у æвдыст АИШ-ы минæварады фидиуæны. Комкоммæ рафæлхатт кодтой OSCE/ODIHR-ы хатдзæг, ома æвзæрстытæ уыд конкурентджын æмæ хъахъхъæды уыд фундаментон сæрибартæ иууылдæр. Уый у сæ позици, сидт, цæмæй процесстæ ахизæт политикон платформæмæ. Ацы визит у бæстæйæн æххуыс, Гуырдзыстонæн фарс рахæцын уыцы уæззау политикон уавæры, кæцы сæвзæрдис. Мах тынг нæхи сыхгæдтам. Æрмæст бæстæйы мидæг процесстæн аргълæвæрдтæ кæнæм, ахæм уæззау геополитикон æртъхъирæны раз куы лæууы æппæт регион уæд. Уый тыххæй, ныр курæг дæн æхсæнадæй, цæмæй сæрмагондæй нысаниуæгджын акценттæ, аргълæвæрд æмæ фокус уа ацы æрдæм. Гуырдзыстоны куыд никуы раздæр, афтæ тыхджын хъæуы ныртæккæ, АИШ-ы, нæ сæйраг стратегион партнеры, æххуыс æмæ ацы визит растдæр уый æмаргъ у», – райхъусын кодта Давит Залкалиани.