Гуырдзыстон æмæ Украинайы  фæсарæн хъуыддæгты министрты æхсæн уыд  телефонон дзырд
Гуырдзыстон æмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министрты æхсæн уыд телефонон дзырд

Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани  украинаг  коллегæ Дмитро  Кулебаимæ телефонон ныхас уыд.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ,  ныхасы рæстæджы  Давит Залкалиани  ноджы иу хатт  сбæлвырд кодта  Гуырдзыстоны æнæцудгæ  фарсхæцынад Украинайы  суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн  æмæ  хъæддых  фарсхæцыны тыххæй  загъта  уæвæг  уæззау  уавæры.

Уагдоны хъусинагæй, Давит Залкалиани  афтæдæр банысан кодта, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украина  оккупацийæ равзæргæ  иумйæаг  быцæусидты  раз лæууынц.

«Фарсытæ  баивдтой  информаци  цæугæ  процесстыл, Украинайы  арæнты цур   абон уæвæг уавæрыл.  Афтæма, фæныхас кодтой  ныгуылæйнаг  партнерты Уæрæсеимæ  цæугæ диалогы  параллелонæй, Украина æмæ Гуырдзыстонæн   бæрзондæмвæзады  минæвæрттимæ коммуникацийыл.

Ацы контексты  фарсытæ  æвæрццаг  аргъ скодтой  æхсæнадæмон   партнертæн  фарсхæцын  æмæ сæ  иунысанон  позици, ома Гуырдзыстоны æмæ Украинайы  суверенитет, территорион æнæхъæндзинад, афтæдæр   куыд  дыууæ бæстæйы  суверенон бар, сывзарой  сæрмагонд фидæн æмæ  Европаг  æмæ евроатлантикон  тырнанад, у сырх хахх, кæцыйы  ногæй æркæсын  никуы  цæудзæн  бадзырдты процессы, Гуырдзыстоны  кæнæ  Украинайы фæдыл  уынаффæтæ нæ уыдзæн   хаст  ацы  бæстæтæй  цух .

Телефонон дзырды рæстæджы  бахахх ис  Гуырдзыстон æмæ Украинайы  æхсæн  æхсæнадæмон  платформæты æмæ дыууæфарсон  режимы уæвæг  æнгом коммуникаци.  Министртæ  æрныхас кодтой, цæмæй  адарддæр уыдзæн   бæрзонд рангы  контакттæ  цæугæ процесстыл информаци баивды æмæ позициты фæхай кæныны нысанæн», –  дзырдæуы  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады  ахæлиугонд  информацийы.