Давит Залкалиани – Бирæ хатт сфиксир кодтам  æнæцудгæ  фарсхæцын  Украинайы суверенитеты, территорион  æнæхъæндзинадæн æмæ куыд нæрайсгæ у   уыцы агресси, кæцы цæуы  суверенон  паддзахады  ныхмæ
Давит Залкалиани – Бирæ хатт сфиксир кодтам æнæцудгæ фарсхæцын Украинайы суверенитеты, территорион æнæхъæндзинадæн æмæ куыд нæрайсгæ у уыцы агресси, кæцы цæуы суверенон паддзахады ныхмæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани Украинайæн  фарсхæцыны  фæдыл   хицауады абоны рабадты фæуды фæстæ  ноджы иу  хатт   фæныхас кодта.

Министры дзырдæй, гуырдзыстон фарсхæцын Украинайæн æнæцудгæ у.

«Æнæхъæн ацы бонты  дæргъы   æмæ уæдмæ дæр,   цалынмæ   райдыдтаит  агресси не фсымæрон   Украинайы ныхмæ, Гуырдзыстон кæддæриддæр уыд   Украинайы  солилидарон  æмæ æхсæнадæмон  æмгарадимæ  иумæ,  æмæ уый бæрæггæнæн у  уыцы  бирæ къахдзæфтæ дæр  кæцытæ    сыххæст кодтам  Украинайы  фæсымæрты  æмæ  хотæн   фарс рахæцынæн.  Уый уыдис  æвдыст æнæрмæст нæ фидиуæнтæй,  фæлæ ма уыцы  политикон  инициативæтæй,  кæцытæ  уыдис нæ Европаг, Америкаг æмæ   æхсæнадæмон  партнерты æрдгæй» –   банысан кодта министр.

Министры ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстон баиу ис  бирæ декларацитæм,  резолюцитæм æмæ уымæй  фылдæр, Гуырдзыстоны уыд  æхсæнадæмон  æмгарадимæ  Европæйы Советы уæнг бæстæтимæ иумæ, чидæриддæр схъæлæс кодта  Уæрæсейы Федерацийы   уæнгдзинад фæурæды фæдыл механизм скусын кæнынмæ.

Залкалианийы дзырдæй, Украинайæн  фарсхæцыны  æвдыст у уый дæр, цæмæй Гуырдзыстоны минæварад  Украинайы  бынатыл  ис.