Давит Залкалиани кусæн визитæй фæуазæг уыдзæн Испанийы паддзахадмæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани 17-20 январы кусæн визитæй араст уыдзæн Испанийы паддзахадмæ. Фæсарæн хъуыддæггты министрады пресс-куысты информацимæ гæсгæйæ, визиты фæлгæтты æддагполитикон уагдоны къухдариуæггæнæг хайад райсдзæн ИНО-ы дунейы туризмы организацийы (UNWTO) æххæстгæнæг советы 113 сессийы, цы ран æрцæудзæн организацийы генералон нымæрдары кандидатурæты равзæрст.
«Фæнысанкинаг у, цæмæй Гуырдзыстон ИНОзйы дунейы туризмы организацийы генералон нымæрдары постмæ ног æмгъуыдæй бавдыста архайæг сæрдары, Гуырдзыстоны кандидат Зураб Пололикашвилийы. Мадзалыл уыдзæн организацийы æххæстгæнæг советы 35 уæнг паддзахады минæвар» – банысангонд у уагдоны информацийы.
Афтæдæр сæ информацийæ, Испанийы паддзахадмæ кусæн визиты фæлгæтты фæсарæн хъуцыддæгты министр фембæлдтæ ауадздзæн Испанийы фæсарæн хъуыддæгты, Евроцæдисы æмæ æмгуыстады фарстаты министримæ, Аранча Гонсалес Лайаимæ, афтæма Испанийы мидхъуыддæгты министртимæ Фернандо Гранде-Марласкаимæ æмæ миграцийы министр Хосе Луис Эскриваимæ.
Визиты фæлгæтты ацæудзæн официалон райст Испанийы Паддзахад Филлипп IV номæй æмæ уыйимæ фембæлд. Гуырдзыстоны ффæсарæн хъуыддæгты уагдоны къухдариуæггæнæгы номæй афтæдæр ацæудзæн фембæлд Дунейы Туризмы организацийы æххæстгæнæг советы сессийы хайадисæг 113 ледегацийы разамонджытимæ.