Давит Залкалиани – иртасаг  комитеты хыгъдлæвæрды фæдыл конгрессмен Бейконы  фидиуæн бæлвырд кæны, цæмæй ахæм документтæ  не сты  АИШ-ы официалон позици æвдисæг  æмæ  кæрон кæны  спекуляцитæ
Давит Залкалиани – иртасаг комитеты хыгъдлæвæрды фæдыл конгрессмен Бейконы фидиуæн бæлвырд кæны, цæмæй ахæм документтæ не сты АИШ-ы официалон позици æвдисæг æмæ кæрон кæны спекуляцитæ

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалианийы  фидиуæнæй, зæгъгæ Республикæгты  иртасæн комитеты  документы фæдыл  конгрессмен Дон Бейконы   абоны  куырдиат  ноджы иу  хатт  бæлвырд кæны,  хицаугæнæг балы  сæрыфыццаг аргълæвæрдты, ома ахæм  хыгъдлæвæрдты  фæстиуджыты  метобологи хъауджыдæргонд у  æмæ  нæу  АИШ-ы  хицауады  официалон позици.

«Фидиуæн кæцыйы   конгрессмен сарызта, ацы темæйы алыварс спекуляцитæ  кæрон кæны.  Ацы фидиуæн   ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта уый цæмæй, ахæм  хыгъдлæвæрдты  фæстиуджыты  метобологи хъауджыдæргонд у  æмæ  нæу  АИШ-ы  хицауады  официалон позици. Уый афтæдæр тынг дзæбæх райхæлдта    Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвар.  Уыцы  хыгъдлæвæрды кæцыйы  кой кæны конгрессмен, ис  кæрæдзицухгæнæг  тезистæ.  Иу æрдгæй  дзырдæуы  АИШ-ы  æрдæгй Гуырдзыстонæн рæзгæ  æххуысы фæдыл, афтæдæр уый тыххæй  цæмæй   нæ  стратегион партнерад  иуыл бæрзонд нысаныл лæууы. Иннæ рдгæй  та, ис уыцы  хъуыдиад кæцы бынтон иппæрд у контекстæй.  Алцыппæт уый ноджы иу  хатт хахх кæны  ахæм   документ саразыны  спецификон методологий, кæцыйы  сбæлвырд кодта конгрессмен Бейкон дæр» –  райхъусын кодта  Давит Залкалиани.

Конгрессмен  Дон Бейкон, кæцы Республикæгты  иртасаг комитеты хыгъдлæвæрды  иуæй-иу  къухбафыссæг у,  абон райхъусын кодта,  цæмæй  уыцы  хай, кæцы Бидзина Иванишвилимæ æххæссы, уый нæ ныффыста. «Мах  баххуысртам техникон экспертты, кæцытæ нын баххуыс кодтой  документ бакусыны» – банысан кодта  конгрессмен.