Давит Залкалиани бритайнаг рауагъдадæн – Евроинтеграцийы фæндагы цæрджыты æххуыс хицауадæн дæтты уый тых, цæмæй фылдæр тыхайрхайд аздаха æппын фæстаг мысанмæ
Афон у Евроцæдис Гуырдзыстонæн равдиса, цæмæй уæнг суæвыны перспективæ ис – ахæм сæргондæй, Гуырдзыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ интервью публикаци кæны бритайнаг рауагъдад Emerging Europe.
Статийы автор 2019 азы Тбилисы, Сæрибары фæзыл, Гуырдзыстоны Европæйы советы сæрдариуæгмæ нывонд масштабон æмбырды тыххæй фыссы æмæ премьер-министр Гиорги Гахариайы ныхæсты кой кæны, ома «Гуырдзыстон абон Европæмæ афтæ хæстæг у, раздæр куыд никуы уыдис» зæгъгæ.
«Бæстæйæн ай æппæт бантыстис «Гуырдзиаг Бæллиццы» лидер – Бидзина Иванишвилиимæ иумæ» – хуъсын кæны авторимæ ныхасы рæстæджы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Гуырдзыстон æмбары цæмæй ноджы бирæ цыдæр хъуамæ сараза уæнгæй суæвыны нысанмæ баххæссынæн.
Журналисты фарстыл, уыцы скептицизммæ гæсгæ, кæцы Евроцæдисы уæнг бæстæты сæйраг сахарты ауæрæхы фарстамæ гæсгæ ис, Залкалиани дзуапп дæтты, цæмæй зæгъгæ æнæкæсгæ уымæ, бæстæ йæ тырнынад нæ сафы æмæ хахх кæны йæхæдæг интеграцийы процессы пайда бæстæйы рæзынады, демокративон процессты фæтынгдæр кæныны тыххæй.
«Интеграцийы процесс мах афтæдæр нымайæм Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады сног кæныны контексты, уымæн æмæ нæ тыхджын уырны, цæмæй аразæм бæстæ, кæцы зæрдæмæдзæугæ у, оккупацийы хаххы иннæ рдгæй цæрæг нæ æмбæстонтæн. Фæнды нæ фæхай сын кæнæм алы уыцы дзæбæхдзинæдтæ æмæ æнтыстытæ, кæцы райстам интеграцийы фæндагыл» – хъусын кæны Залкалиани.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.