Давит Залкалиани - АИШ у нæ стратегион партнер, кæцы сиды политикон актортæм, цæмæй процесстæ акæной политикон фæндагæй æмæ баззайæт барады фæлгæтты
АИШ-æ у нæ стратегион партнер, кæцы сиды алкæмæ, Гуырдзыстоны архайæг алы политикон актормæ, цæмæй процесстæ акæнæт политикон фæндагæй, баззайæт барады фæлгæтты – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Майк Помпеоимæ фембæлдыл ныхас бæстæйы мидполитикон процесстыл нæ уыд.
«Се рдгæй нæ уыд хъуыддаджы комкоммæ бацыд. Уый у нæхи мидполитикон процесс. АИШ-у нæ стратегион партнер кæцы сиды алкæмæ, Гуырдзыстоны архайæг алы политикон актормæ, цæмæй процесстæ акæнæт политикон фæндагæй, баззайæт барады фæлгæтты. Цæй зæгъын æй хъæуы Америкæ Гуырдзыстоны мидæгон хъуыддæгты йæхи нæ тъысдзæн, æмæ йæ нæдæр фæндыю Уыдоны фæнды Гуырдзыстоны уа стабилон уавæр, уымæн æмæ æрмæстдæр рæзынады фæрцы æрбафты бæтæмæ уыцы фадæттæн, цæмæй цыфæныд быæцусидт æмæ æртхъирæнтæн бафæраза» – райхъусын кодта Залкалиани.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майк Помпео Гуырдзыстонмæ æрцыд 17 ноябры. Уый абон фембæлдис, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариаимæ, президен Саломэ Зурабишвилиимæ, Каталикос-Патриарх Илья Дыккагимæ.