Давит Залкалиани – Æмахасты кæцыфæнды арæнвæрдимæ разы не стæм, кæд нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты исты хуызы æххуыс бахъæуа , уæд цæттæ стæм
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани, Абхазы оккупацион режимы æрдгæй, Ингуры хидыл змæлдды арæнвæрды фæдыл уынаффæйы дзуаппæн дзуры, цæмæй кæцыфæнды хуызы æмахасты блокировкæйы ныхмæ сты.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ разы кæнæм цыфæнды хуызы æмахаст кæрон скæныныл æмæ ацы фарстайы тыххæй пайда кæнæм æппæт форматтæй, сæ нымæцы, Женевæйы бадзырдты форматæй, цæмæй блокировкæ ист æрцæуа. Кæд нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæрты исты хуызы æххуыс бахъæудзæн, зæгъæм ацы вирусмæ гæсгæ, уæд цæттæ стæм æркæсæм ацы фарста. Ай тынг серьозон быцæусидт у, уый тыххæй дæр ахæм типы æрыхгæд, хъуыддагæн нæ баххуыс уыдзæн, уымæн хъæуы координаци, кæцымæ дæр цæттæ стæм»,- райхъусын кодта Давит Залкалиани.
Абхазы оккупацион режим, Ингуры хидыл змæлдыл арæнæвæрдтæ сфидар кодта. Ахизын бар æрмæст уыдонæн ис, кæцытæ адæймæгтæ оккупацигонд Абхазæй уазæгуат уыдысты Самегрелойы. Сæ ныхæстæм гæсгæ, а.х. контролон-ауадзæн пунктыл рад æрлæууыд.