Давит Бакрадзе - Нæ сараздзыстæм коалици «Гуырдзиаг Бæллицимæ» æмæ нæ рахæцдзыстæм йæ фарс Михеил Саакашвилийæн премьер-министры бынатыл
«Европаг Гуырдзыстоны» лидертæ Кутаисы, партийы æвзарæнон программæ бавдыстой.
Давит Бакрадзе, Гиги Угулава æмæ Гига Бокъериа брифингыл куыд фехъусын кодтой афтæмæй, æвзæрстыты «Европаг Гуырдзыстоны» уæлахиздзинады цауы, бæстæйы фидинæгтæ фæкъаддæр уыдзысты, 100 000 куыстбынат сæвзæрдзæн, фæдывæр уыдзæн пенситæ æмæ райрæздзæн социалон æххуыс.
Афтæма, партийы хуъсын кæнынц, цæмæй нæ сараздзысты коалици Бидзина Иванишвилиимæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллициимæ». «Европаг Гуырдзыстон» афтæдæр нæ хъавы, йæ фарс рахæцын Михеил Саакашвилийæн премьер-министры бынатыл.
«31 октябры æвзæрстыты фæрцы нæм æфты фадат, бæстæ уыцы арф социалон æмæ экономикон кризисæй сласæм, кæцымæ дæр æй бакодта «Гуырдзиаг Бæллицц». 31 октябр у шанс, уæлæмхас ивддзинæдтæ æрхæссæм нæ адæмæн. Растдæр уый тыххæй, «Европаг Гуырдзыстонмæ» ис конкретон пълан æмæ йæхимæ исы конкретон хæс дзыллæйы раз, цы саразын хъæуы, цæмæй Гуырдзыстоны уа ивддзинæдтæ, фервæзæм кризисæй æмæ адæм хуыздæр цард кæной. Нæхимæ исæм хæс, фæкъаддæр кæнæм фидинæгтæ, сæвзæрын кæнæм 100 000 ног кусæнуат, алы бинонтæн уыдзæн фадат æрвылазонæй 2 мин ларийы бæрц экономи кæнын. Исæм нæхимæ хæс, фæдывæр кæнæм пенситæ, лигъдæттæн æмæ социалон æххуыс. Афтæма, исæм нæхимæ бæрн, фылдæр исад адæттæм адæмæн æмæ бынæттон муниципалитеттæм.
Афтæма ис ноджы хæсист, цæй саразын нæй гæнæн бæстæйы уый тыххæй, цæмæй æрлæууа скуыддзаггæнæг ивддзинæдтæ. «Европаг Гуырдзыстон» исы йæхимæ бæрн, цæмæй нæ сараздзæн коалици Бидзина Ивнаишвилиимæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццимæ»; дыккаг – нæ рахæцдзыстæм йæ фарс Михеил Саакашвилийæн премьер-министры бынатмæ снысан кæнынæн, уымæн æмæ хъуыды кæнæм, цæмæй ацы бæстæйы иупартион æмæ иугоймагон хицаудзинады афон аивгъуыдис», – райхъусын кодта Давит Бакрадзе.