Давит Бакрадзе -  алчи иумæ, чи мæзджыты, чи аргъуаны, чи та  синагогайы кувгæйæ хъуамæ аразæм  нæ иумæйаг бæстæ
Давит Бакрадзе - алчи иумæ, чи мæзджыты, чи аргъуаны, чи та синагогайы кувгæйæ хъуамæ аразæм нæ иумæйаг бæстæ

«Европаг Гуырдзыстоны» лидер  Давит бакрадзе  æмæ Хулойы  мажоритартæм кандидат  Тариэл Накаидзе, Хулойы районы, Дидачъарайы  мæзджыты, майрæмбоны  скуывдыл уыдысты, фæстæдæр та, цæрджытимæ  фембæлдсты. Информаци хъусын кæны  «Европаг Гуырдзыстоны.

Давит Бакрадзейы  дзырдæй,  зæгъгæ  цæрджытæн ис   уæззау социалон  æмæ  экономикон  уавæр,  æмæ йæ   сраст кæныны  фæндаг та  у парламентон  æвзæрстытæ.

«Æз рæстдинон чырыстон дæн, абон æрбацыдтæн  мæзджытмæ  æмæ  уыдтæн  скуывдыл, цæмæй  афтæмæй  равдисон  цас  цыт кæнын  Гуырдзыстоны,  гуырдзи аг пысылмон æмбæстæгтæн.  Ацы  адæймæгты  хъыг дарын тынг бирæ  проблемæ, æмæ ацы  адæм сты  нæ  æхсæнады  тугæй.  Хæсджын стæм  алцыппæт саразын, цæмæй  Гуырдызстоны пысылмон æмбæстæгты   проблемæтæ  алыг кæнæм, цæмй  ацы адæймæгтæн уа  аккаг   минæвар парламенты æмæ  алчи иумæ,  чи  мæзджыты  кувгæйæ,  чи  аргъуаны, чи та   синагогайы  кувгæйæ,  иумæ  саразæм  нæ  иумæйаг бæстæ, нæ  иумæйаг фыдыбæсты.  Уый тыххæй  хъуыды кæнын, цæмæй  нысаниуæгджын у  ахæм фарсмæлæуд æмæ  ацы адæймæгтæн уа  сæрмагонд минæвар    парламенты æмæ ам Уæллаг Ачъарайы, Европаг Гуырдзыстонæн  ис  тынг фидар кандидат, тынг   æгъдауджын  адæймаг, ацы æхсæнады  уæнг,  Тариэл Накаидзе æмæ  уырнæг дæр, ацы  куымы  аккаг  минæвар   уыдзæн Гуырдызстоны парламенты» –  загъта Давит Бакрадзе.