Давит Арахамиа – уырнæг дæн, Гуырдзыстоны æвзæрстыты фæстæ ацы хицауад ивд уыдзæн
Давит Арахамиа – уырнæг дæн, Гуырдзыстоны æвзæрстыты фæстæ ацы хицауад ивд уыдзæн

Хъавыдтæн  Вахтанг Кикабидзейы  мардæвæрæнмæ æрцæуын хъавыдтæн, фæлæ мæ бафæдзæхстой, æвæццæгæн дам дын   арæныл рахизыны рæстæджы  уыдаит проблемæтæ, – уый фæдыл Украинайы  Радæйы  фракцийы «Адæмæн лæггадгæнæгы» сæрдар Давит Арахамиа  «Мтавари Архиимæ»  интервьюйы  рæстæджы  загъта.

«Бæлвырд нæ  зонын,  бафæдзæхстой мæ.  Æвæццæгæн   арæныл рахизыны   рæстæджы  уыдаит проблемæтæ, уыдаит   стыр  скандал  æмæ америкæгтæ  мæ  ракуырдтой мæхи  фæурæдтаин.  Æнæ уый æнæмæнгæй æрцыдаин. Уырнæг  дæн,  æвзæрстыты фæстæ  ацы  хицауад  нал уыдзæнис,  гуырдзиаг адæм   æвæццæгæн нал бафидаудзæн  ахæм хицауадимæ æмæ  уыдзæн кæнæ ног тых, кæнæ коалици. Иванишвили   дæс азæй  фылдæр у  хицауады  кæй ис æмæ  нæдæр паддзах у, нæдæр монарх, нæ дæр  диктатурæ. Уырнæг дæн, ацы  уавæр фæивдзæн.  Фæлæ   уый  алцыппæт аразы, уый нымæцы  закъондæттæн  æмвæзадыл дæр,  цæмæй хицаудзинад ма  фесафа. Уырнæг дæн, гуырдзиаг адæм йын   æмбæлгæ дзуапп ратдзæн», –  райхъусын кодта  Арахамиа.