Давит Арахамиа -  мæ  хъуыдымæ гæсгæ, алчи æмбары, цæмæй Гуырдзыстоны демократи бахъахъхъæнынæн, кæцыйы  хицауад едзаг у Уæрæсейы агенттæй,  æнæхъæн Дунейы  дзыллæйы сæйраг   рард у
Давит Арахамиа - мæ хъуыдымæ гæсгæ, алчи æмбары, цæмæй Гуырдзыстоны демократи бахъахъхъæнынæн, кæцыйы хицауад едзаг у Уæрæсейы агенттæй, æнæхъæн Дунейы дзыллæйы сæйраг рард у

Гуырдзыстоны премьер-министр  тæргайæ   райхъусын кодта, цæвиттон украинаг политиктæ  сæхи тъыссынц   Гуырдзыстоны мидæгон хъуыддæгты,  – уый фæдыл  Украинайы   Бæрзонддæр радæйы  реакци «Адæмы лæггадгæнæгы»  къухдариуæггæнæг Давит Арахамиа   райхуъсын кодта.

Арахамиайы дзырдæй,  зæгъгæ «æгъгъæд у гуырдзиаг  адæмы тæрсын кæнын уымæй, ома  Украинайы Гуырдзыстонимæ  хæст фæнды».

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æнæхъæн дуне æмбары, цæмæй  демократийы  бахъахъхъæнын Гуырдзыстоны,  кæцыйы хицауад   едзаг у  Уæрæсейы агенттæй,  æппæт Дунейы  æхсæнады  сæйраг рард у.  Гуырдзыстоны адæм уый æмбарынц,  Гуырдзыстоны дæсгай мин  æвзонгтæ  æмбарынц,  премьер та цæвиттон  не  мбары афтæ дары йæхи.  Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый уæд бамбардзæн,  публикацигонд куы æрцæудзæн  йæ  хæстæджыты   хыгъдтæ  æмæ транзакцитæ. Хъыгаг у, цæмæй  Гуырдзыстоны   уыцы фæдагуырд саразын ничи бахæсдзæн йæ ныфс.

П.С. Æгъгъæд у Гуырдзиаг адæмы уымæй  тæрсын кæнын, цыма  Украинавйы  фæнды  хæст Гуырдзыстонимæ.   Мах куыд   ничи, афтæ  æмбарæм  цы у хæст æмæ  Уæрæсейæ дарддæр  ахæм   фыд бонтæ  нæ  цæст никæмæн бауарздзæн.  Украинайы  фæнды Евроцæдисы  уæнгæй суæвын  гуырдзиаг æфсымæртимæ иумæ  æмæ  тынг риссаг у  уымæ кæсын,  куыд фæцæуы Гуырдзыстоны хицауад   абсолютонæй  æндæр  æрдæмадæй», –   фыссы  Арахамиа.