Давит Арахамиа – фæнды нæ саразæм нæхи, Украниаг НАТО
Давит Арахамиа – фæнды нæ саразæм нæхи, Украниаг НАТО

Украинайы  хицаугæнæг  партийы  «Адæмæн Лæггадгæнæджы» лидер, Давит Арахамиайы фидиуæнæй, зæгъгæ Украинайы фæнды  райсын æдадсзинады гарантитæ  æндæр  бæстæтæй æмæ уымæй  саразын  «Сæрмагонд Украинаг НАТО».

«Фæнды нæ саразæм нæхи, украинаг НАТО, махæн ахсджиаг у цæмæй НАТО-ы  стырдæр æмæ  эффективон бæстæтæ  нын баххуыс кæны агрессийы  цауы» –  райхъусын кодта  уый.

Арахамиайы дзырдæй, НАТО-ы æртæ бæстæ – Турк, Германи æмæ Итали  нырид сразы  сты  Украинайæн   æдадсзинады  гарантитæ  раттын, фæлæ  афтæдæр  йæ  дзырдæй,  Украинайæн  нысаниуæгджын у  цæмæй  ацы  бадзырдмæ  баиу уой  Стыр Британи æмæ  Иугонд Штаттæ дæр, уымæн æмæ   «æнæ уыдон  ахæм бадзырд бафыссан ницы пайда уыдзæн» .

Аразамиайы фидиуæнæй,  ацы  дыууæ  бæстæйæ дарддæр Украинайæн  афтæдæр ныаниуæгджын у   Францы, Китайы æмæ Турчы  хайад.