Давит Арахамиа – Гуырдзиæгтæ хъуамæ  рахæссой  зондджын  уынаффæ  æмæ æвзæрстытыл раивой хицауад
Давит Арахамиа – Гуырдзиæгтæ хъуамæ рахæссой зондджын уынаффæ æмæ æвзæрстытыл раивой хицауад

Украинайы  Радæйы  фракци  «Адæмы  Лæггадгæнæгы»  лидер Давит Арахамиайы   фидиуæнæй, кæд Гуырдзыстон Михеил Саакашвилийы  тыххæй Украинайы  æркуырд нæ сыххæст кæндзæн,  уæд иунæг баззайæг мæцъис уыдзæн   æхсæнадæмон санкцитæ.

«Æнхъæл дæн, æхсæнадæмон санкцитæ, иунæг метод  уыдзæн кæцыйæ спайда кæндзысты  Гуырдзыстоны политикты ныхмæ» – банысан кодта  Давит Арахамиа «Мтавари Архиимæ»   интервьюйы.

Арахамиа  афтæдæр   сдзуапп кодта   Уæрæсейы   санкцитыл   кусæг   æхсæнадæмон къорды   координатор Майкл Макфолы   фидиуæнæн æмæ банысан кодта,ц æмæй   санкцитæ хъуамæ  тыхыбын бакæной Гуырдзыстоны  хицауад, фæива  фарстамæ  ахаст.

«Сакнцитæ сты архайд, кæцы  баст у  æнæзакъонон  архæйдтимæ кæцытæ  æххæст кæны Гуырдзыстоны  хицауад æмæ бæрæг у, ацы  санкцитæ  сæ  тыхыбын хъуамæ бакæной, фарстамæ  сæ   ахаст фæивын.  Æхсæнадæмон ахастытимæ у уый æппæт баст» –  райхъусын кодта  Давит Арахамиа.

Уыимæ, Давит Арахамиа  банысан кодта, цæмæй  гуырдзиæгтæ  фидæн  æвзæрстытыл   æнæмæнгæй хъуамæ  раивой хицауад.

«Не мбарын афтæ  быцæу  цæмæн лæууы  Гуырдзыстон хицауад   уыцы  æркуыдтæн, кæцытæ  не рдгæй   хъуысынц.  Уый тыххæй  цæй  зæгъын æй хъæуы  бæргæ у цæмæй  уыдон Гуырдзыстоны хицауады куы баззайæт, уый  проблемæтæ  сараздзæн Гуырдзыстоны евроцæдисмæ интеграцийы фæндагыл.  Нæ  хæст  цæй зæгъын æй хъæуы,  æнтыстджынæй  фæуыдзæн. Уæрæсейæн нæ  уыдзæн  стыр барæвзар, цæмæй  адарддæр кæна æви нæ   йæ политикæ  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонмæ  гæсгæ. Зонæм цæмæй ацы территоритæ Гуырдзыстоны сты  æмæ  уыцы фарста дæр хæъуы  алыг кæнын.   Ууыл та  хъуамæ бакуса ног хицауад Гуырдзыстоны» –   райхъусын кодта Давит Арахамиа  «Мтавари Архиимæ» интервьюйы.