Турк –Сирийы арæныл абон фæстæмæ хъуыстис æхсты хъæр, фæлæ бæрæг нæу, кæцæй æмæ кæй æрдæм уыдис æхст.
Турк æхсты фæурæды фæдыл бадзырды хæлды зылынджын кæны курдаг хæцджыты, курдæгтæ та дзурынц, цæмæй æхст зæгъгæ райдыдтой туркаг æфсæддæттæ.
Турчы хъахъхъæнынады министрады информацийæ, фæхъуыд сæ иу æфсæддон æмæ ноджы иу æфсæддон та уæззау цæф фæцис.
Турк-Сирийы арæныл нырид иу къцуыри у, кусы Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы исæг къорд.
Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналисты информацийæ, кæцы Сирийы сахар Тел-Аббиадийæ æртæ километр дæрццæг уæвы, сахарæй хъыстис æхсты æмæ срæмыгъдты хъæр. Сахары æрдæм æнæхъæн бон у активонæй цæуынц тагъд медицинон æххуысы хæдтулгæтæ.