Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдон – Турчы операци халы Сирийы территорион æнæхъæндзинад
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдон – Турчы операци халы Сирийы территорион æнæхъæндзинад

Турчы  операци  æфхæры Сирийы территорион æнæхъæндзинад. Уый фæдыл  агентад  «Интерфаксимæ»  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Олег Сыромолотов  райхъусын кодта.

Сыромолотовы дзырдæй, зæгъгæ  Сирийы  уæвыны  легалон бар  æрмæст ирайнаг  æмæ уырыссаг æфсæддæттæм ис.

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты  уагдоны æрдгæй,   фæнысангонд  фидиуæн Сочæйы  Турчы æмæ Уæрæсейы   президентты фембæлды рæстæджы  сырæзт.

Сирийы   Турчы  æфсæддон операцийы   æмгъуыд абон изæр, Тбилисы рæстæгæй  23:00  сахатыл фæуд кæны. АИШ-ы   æхсæныбацыдæй  цы бадзырд  сырæзт уымæ гæсгæйæ,   арæнгæрон районты  уæвæг  сирийаг курдæгтæ, 30 километрон  зонæ хъуамæ ныууагъдтаиккой 12 сахаты мидæг.

Турчы хицауад хъусын кæны, цæмæй   кæд зæгъгæ  курдæгты  гарзджын  иугæндтæ фæнысангонд  территори нæ ныууадздзысты, Анкъара операци сног кæндзæн.