Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Сирийы цæгат-скæсæн хайы æнæмæнгхъæугæ  къахдзæфтæ, Уæрæсейы  президент Владимир Путинимæ   фембæлды  фæстæ  сараздзæн
Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй Сирийы цæгат-скæсæн хайы æнæмæнгхъæугæ къахдзæфтæ, Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ фембæлды фæстæ сараздзæн

Турчы президент  Реджеб Тайип Эрдогъан хъусын кæны, цæмæй   Сирийы   цæгат-скæсæн хайы   æнæмæнгхъæугæ  къахдзæфтæ,  Уæрæсейы  президент Владимир Путинимæ   фембæлды  фæстæ  сараздзæн.   Уй фæдыл  информацийы   агентад   «Ройтер» хъусын кæны.

Уæрæсейы æмæ   Турчы   лидерты æхсæн   фембæлд Сочæйы  22  октябрмæ у плангонд. Ратсдæр  ацы  бон   фæуд кæны  АИШ-ы æхсæныбацыдæй, æхсты фæурæды фæдыл  цы  фондзбонон  бадзырдмæ æрцыдысты  уый  æмгъуыд.

«Мах ацы  процессыл æруынаффæ кæндзыстæм Путинимæ иумæ  æмæ уый фæстæ æнæмæнгхъæугæ  каъхдзæфтæ сараздзыстæм», – райхъусын кодта Рэджэб Тайип Эрдогъан.