«CNN» -  Джо Байден  йæ куыдзимæ  хъазыны рæстæджы йæ къах асаста
«CNN» - Джо Байден йæ куыдзимæ хъазыны рæстæджы йæ къах асаста

АИШ-ы  æвзæрст президент  Джо Байден  куыдзимæ  хъазыны  рæстæджы  йæ къах базиан кодта.   Информаци  хъусын кæны  «CNN».

Рауагъдады хъусинагæй,  Джо Байденæн йæ  куыдз  Мейджормæ  хъазыны рæстæджы йæ къах фæбырыд.  Уый фæдыл   Байдены  дохтыр  Кевин О’Конор   фехъусын кодта.  АИШ-ы æвзæрст президентæн  компьютерон  басгæрсты фæстиуæгæн сбæрæг ис  фады  саст, цæй тыххæй  дæр йын бахъæуыдзæн цалдæр куырийы  дæргъы специалон   къахыдарæс.

АИШ-ы архайæг президент Дональд Трамп, Джо Байдены дохтырмæ  визиты  видео, микроблог «Твиттеры» сæрмагонд фарсыл  равæрдта æмæ  байденæн  тагъд сдзæбæх уын  ракуывдта.