«CNN» - АИШ-ы рагысгарæг куыстмæ деталон информаци уыд Евгений Притгожины растады фæдыл
АИШ-ы рагысгарæг куыстмæ «Вагнеры» къухдариуæггæнæг Евгени Пригожины растады планы фæдыл деталон информаци уыд, – уый фæдыл «CNN» информацийы сæрмагонд ратæдзæныл æнцойæ хъусын кæны.
Рагысгарæг куысты информацийæ, Пригожины растады аххсаг 10 июны Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фидиуæн ссис, кæцымæ гæсгæйæ, алы хицæн æфсæддон компани, сæ нымæцы «Вагнер» Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрадимæ контракт хъуамæ бафыстаит.
«CNN» куыд фыссы афтæмæй, информаци уый йас сусæг уыд, æмæ æрмæст Байдены администрацийы уæнгтæ æмæ Конгрессы «Асты къорды» уæнгтæ йæ зыдтой, кæцытæ рæувадат сты рагысагарæг куысты сусæг æрмæджытæ. АИШ информаци æрмæст цалдæр æмцæдисонон базонын кодта, сæ нымæцы Британйиы бæрзонд гæстæн. Медиайы хуъсинагæй, информацийы сусæгæй бавæрд расайдта Европæйы лидерты æмæ сæ нымæцы АИШ-ы бæрзонд гæсты мæстыдзинад.
«CNN»-ы информацийæ, ратæдзæнтæ хъусын кæнынц, цæмй украинаг бæрзонд гæстæ афтæдæр нæ уыдысты рагафон информиргонд рагысгарæгон информацийы тххæй, фыццаджы уымæн æмæ америкаг æмæ украинаг бæрзонд гæсты ныхæстæ гæнæн уыд знаджы къухтæм бахаудаиккой.
«CNN» афтæдæр фыссы, цæмæй æмцæдисонтæ бафæдзæхстой Украина, цæмæй «Вагнеры» растады параллелонæй ма райдыдтаиккой бырсæнцыд Уæрæсейы территоримæ.