«CNN» - АИШ-ы централон рагысгарæг агентады къухдариуæггæнæг абон Анкарайы Уæрæсейы æддæ рагысгарæг куысты хистæримæ фембæлдзæн
«CNN»-ы хъусинагæй АИШ-ы централон рагысгарæг агентады къухдариуæггæнæг абон Анкарайы Уæрæсейы æддагон разведкæйы хистæримæ фембæлдзæни. «CNN»-æн АИШ-ы национ æдасдзинады советы куыд загътой афтæмæй, Уильям Барнсы æмæ Сергей Нарышкины бадзырдтæ сты дарддæрдзу АИШ-ы тыхархайдæн, кæцы змæдхт у «Рискыты фæткдæттыны л Уæрæсеимæ коммуникаци æрдгæй» æмæ афтæдæр каст уыдзæн «æнæрæстагæй ахст америкаг æмбæстæгты» фарста.
«Мах æргомæй хъусын кодтам уыцы факты фæдыл, ома нын ис коммуникацион каналтæ Уæрæсеимæ рискыты фæткдæттыны фæдыл, сæрмагондæй атомон тасыл æмæ стратегион стабилондзинады рискытыл. Ацы тыхархайды фæлгæтты Уильям Барнс абон фембæлдзæнис Уæрæсейы разведкæйы къудариуæггæнæгимæ», – фехъусын кодтой «CNN»–æн Националон æдасдзинады советы.
Уыимæ, Урс Хæдзары хъусын кæнынц, цæмæй Барнс Украинайы хæсты кæрон скæныны фæдыл бадзырдыл нæ ныхас кæндзæн.
«Уый адæтдзæн уырыссаг коллегæйæн æрвитæггаг Уæрæсейы æрдгæй атомон хæцæнгарзæй спайдайы фæстиуджыты фæдыл, æмæ стратегион стабилондзинады эскалацийы тасыл фæныхас кæндзæн. Уый афтæдæр рахæцдзæн Уæрæсейы æнæрæстагæй ахст америкаг æмбæстæгты хуъыддæгтæ», – хъусын кæнынц Урс Хæдзары.
Пресс-спикер райхъусын кодта, цæмæй АИШ-ы централон рагысгарæг агентады уырыссаг колллегæимæ фембæлды фæдыл украинаг фарс рагафон уыд информиргонд.
«Мах хъæддых йæ фарс хæцæм фундаментон принципæн æмæ ныхас кæнæм Украинайы фарстайыл æнæ украинæгтæй», – дзурынц Урс Хæдзары.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй АИШ-ы æмæ Уæрæсейы хицауады минæвæрттæ кæрæдзиимæ 10 январы фембæлдысты.