«CNN» - Æввахс  Скæсæны  америкаг  тыхтæ   хæстон уавæртæм рæвдз сты
«CNN» - Æввахс Скæсæны америкаг тыхтæ хæстон уавæртæм рæвдз сты

«CNN»-ы  хъусинагæй,   Æввахс Скæсæны   Америкаг   тыхтæ æфсæддон цæттæдзинады  уавæры  сты æмæ  æнхъæлмæ  кæсынц  бырсæнцыдмæ.  Телекомпанийы  хъусинагæй,   ацы  мадзæлттæ   ист  æрцыдысты   Ираны рдгæй  æнæпилотн  хæдтæхджытæй  гæнæн хафты тыххæй.

Сæрмагондæй  та, дзырдæуы   зенитон ракетон  комплекс  «Пэтриотыл» кæцыты  ивгъуыд  æхсæв  хæстон архæйдтытæм срæвдз кодтой.

«CNN»-имæ  ныхасы рæстæджы, АИШ-ы  официалон   уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ  Æввахс Скæсæны  жислоциргонд  æфсæддон   тыхтæ,  ныридæгæн цалдæр бон у, хæстон цæттæдзинады уавæры  сты, фæлæ  дысон  æхсæв   сæ сæрмагонд  хъавгæдзинады тыххæй бафæдзæхстой.

Телекомпанийы  хъусинагæй,  «рагысгарæг куысты  бавдыст информацийыл æнцойæ,   АИШ-æ  лæмбынæг йæ  хъус дары, Иракъы, Кувейты, Сауды Аравийы, Арабты  Иугонд Эмиратты  æмæ Иорданийы  уæвæг  америкаг  объекттæм».