Æввахс Скæсæны цæугæ фæзындты тыххæй Тбилис æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропорттæй урæд сты 16 рейс
Æввахс Скæсæны цæугæ фæзындты тыххæй, Тбилис æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропорттæй рейстæ урæд сты.
Тбилисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты къухдариуæггæнæг компанийы TAV Georgia-йы информацийæ, абоны онг æнæхъæнæй 16 рейс урæд æрцыд.
13 рейс урæд æрцыд Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй – Тель-Авивмæ, Абу-Дабимæ, Шарджа æмæ Дубаймæ, Батумæй та æртæ рейс урæд æрцыд, æртæ дæр Тель-Авивмæ. Æндæр нысаниуæгджын бынæтты нæй арæнæвæрдтæ.