«CNN» - Æввахс Скæсæны америкаг тыхтæ хæстон уавæртæм рæвдз сты
«CNN»-ы хъусинагæй, Æввахс Скæсæны Америкаг тыхтæ æфсæддон цæттæдзинады уавæры сты æмæ æнхъæлмæ кæсынц бырсæнцыдмæ. Телекомпанийы хъусинагæй, ацы мадзæлттæ ист æрцыдысты Ираны рдгæй æнæпилотн хæдтæхджытæй гæнæн хафты тыххæй.
Сæрмагондæй та, дзырдæуы зенитон ракетон комплекс «Пэтриотыл» кæцыты ивгъуыд æхсæв хæстон архæйдтытæм срæвдз кодтой.
«CNN»-имæ ныхасы рæстæджы, АИШ-ы официалон уæнгтæ хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ Æввахс Скæсæны жислоциргонд æфсæддон тыхтæ, ныридæгæн цалдæр бон у, хæстон цæттæдзинады уавæры сты, фæлæ дысон æхсæв сæ сæрмагонд хъавгæдзинады тыххæй бафæдзæхстой.
Телекомпанийы хъусинагæй, «рагысгарæг куысты бавдыст информацийыл æнцойæ, АИШ-æ лæмбынæг йæ хъус дары, Иракъы, Кувейты, Сауды Аравийы, Арабты Иугонд Эмиратты æмæ Иорданийы уæвæг америкаг объекттæм».