Чъиаберашвили Зурабмæ, Могеладзе Натиамæ æмæ Гачечиладзе Леванмæ рæстæгмæ фæдагуырдон комисы радон рабадтыл хъуамæ байхъусой
Чъиаберашвили Зурабмæ, Могеладзе Натиамæ æмæ Гачечиладзе Леванмæ 21-æм февралы 2003-2012 азты архайæг фæдагуырдон къамисы рабадтыл хъуамæ байхъусой, уый фæдыл комисы сæрдар, Теа Цъулукиани расидтис.
Цъулукианийы ныхасмæ гæсгæ, фыццæгæм рабадт 2008 азы æвзæрстыты фæдыл ныхасæн снысан уыдзæн, августы хæстмæ баст фарстайыл та фидæн къуыри уыдзæн уынаффæ.
«Абон сессийы дыккаг хай куы фæуыдзæн, уæд къамисы уæнгтæ Думæйы æрæмбырд уыдзысты æмæ æруынаффæ кæндзысты æрбахонын æви нæ Гуырдзыстоны Централон æвзарæнон къамисы раздæры сæрдар Чьиаберашвили Зурабы фыццæджы рабадтмæ». Афтæ дæр хъуамæ æрбахонæм Натия Могеладзейы, кæцы 2012 азы фыццаг октябры æвзæрстыты агъоммæ Паддзахадон ревизийы политикон цæдисты æмбæлон хайады къухдариуæг кодта? Æппæт уыцы ивартæ æмæ æгадгæнæг процедурæтæ, кæцытæ Паддзахадон ревизион управлени æххæст кодта оппозицион зондыл хæст æвзарджыты ныхмæ, баст сты йемæ. Баст у афтæ хуынæг тæбæгъты æрцахсыны процесс æмæ бирæ æндæр ахæм уынаффæтæ кæнæ архайдтытæ.
Нæй æнæмæнг, цæмæй фыццæгæм сессимæ æркурдзыстæм Леван Гачечиладзейæн, кæцы бирæ азты дæргъы хъусын кæны, цæмæй йæ 2008 азы президентон æвзæрстыты дыккаг турæй адавтой æмæ дыккаг бынатмæ кандидат уыд. Уыцы рæстæджы бирæ объективон цæстдарджытæ нымадтой, дыккаг раунд кæй уыд адавд. Фæнды нæ цыппæрæмы рабадт снывонд кæнæм 2003-2012 азты æвзæрстытæн, уымæн æмæ Къамисы хъуыдымæ гæсгæ, иууыл ахсджиагдæр у, цæмæй нæ хыгъдлæвæрды раззагдæр бынæттæй иу лæвæрд æрцæуа æвзæрстыты фарстæн. «Уый тыххæй дæр фыццæгæм рабадт уыдзæн нывонд 2008 азы æвзæрстыты фарстайæн», – райхъусын кодта Теа Цъулукиани.