Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе домынц, цæмæй Теа Цъулукианийы æрфарст æрцæуа тæрхондоны
«Лело – тыхджын Гуырдзыстоны» лидертæ Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе курынц, цæмæй Теа Цъулукианийы тæрхондоны æрфарст æрцæуа.
Партийы пресс-куыстуаты рапарахатгонд информацийы куыд ис фыст, афтæмæй «Хазарадзе-Джапаридзейы адвокаттæ æнæлегитимон парламентмæ Цъулукианимæ адресгонд æмбæлон фыстæг ныридæгæн бавдыстой».
«Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзе, афтæ хуынæг фæдагурæн къамисы хъуыдтагы æвдисæнтæй æрфарстмæ Теа Цъулукианимæ сидынц, цæй тыххæй дæр сæ ныхмæ прокуратурæ райдыдта фæдагуырд. афтæ хуынæг фæдæвзарæн къамисæн ис æртæ бон дзуапп раттынæн» – банысан кодтой партийы пресс-куыстуаты.