Цагеры  дыууæ  пъæлицæйаг  кæрæдзийы  мæлæтдзаг цæф  фæкодтой
Цагеры дыууæ пъæлицæйаг кæрæдзийы мæлæтдзаг цæф фæкодтой

Цагеры  дыууæ  пъæлицæйаг  кæрæдзийы  мæлæтдзаг цæф  фæкодтой.

Марындзинады  факт Гуырдзыстоны  Фыццаг Къаналæн   прокуратурæйы сбæлвырд кодтой.

Фæдæвзарæг  уагдоны   информацийæ, ныгуылæн  Гуырдзыстоны  прокуратурæйы  фæдæвзарæны хайы  фæдæвзарæн цæуы   тугтæрхоны барады   кодексы 108-æм  статийæ райдыдта,  кæцы   барæй  марындзинад  дары йæ хъуыдыйы.

Ахæлиугонд  информацийæ,  мард сты  Цагеры  пъæлицæй   дыууæ кусæг æмæ цæф у  иу гоймаг.

Развæлгъау  информацийæ,   пъæлицæйæгтæ  Ладжанайы  хъæуы  уæвæг  юстицийы  хæдзары æхсæнадон центр хъахъхъæдтой,  фæхыл сты,  кæцыйы фæстæ  æхсæнгарзæй  кæрæдзийы  фехстой.