Аст хъæлæсæй ЦÆК-ы сæрдарæй дыккаг æмгъуыдæй сæвзæрстой Тамар Жваниайы. Халæппæрсты Централон Æвзарæн камисы фараст уæнг истой хайад.
Тамар Жваниа халæппæрсты йæхæдæг хайад нæ иста. Рабадты размæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, кандидаттæ зæгъгæ æнæмбæрц уавæры кæй ма ралæууыдаиккой уый тыххæй, рабадтæн разамынд æмæ халæппæрсты хайад исыныл не сразы ис.
Афтæдæр халæппæрсты хайад нæ истой «Националон Змæлды» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» минæвæрттæ. ЦÆК-ы уæнгтæ сæрдары сæвзæрстой сусæг халæппæрсты фæстиуæгæн. ЦÆК-ы сæрдары постмæ ма ноджы дыууæ кандидат уыдысты бадыстгонд, Гуырдзыстоны хицауауды администрацийы кусæг Мариам Шелегиа æмæ «Æмбæстагон Дзыллæ æмæ Демократийы тынгады центры» къухдариуæггæнæг Владимер Божадзе.
Божадзе райста иу хъæлæс, Шелегиа та иудæр нæ.
Тамар Жваниа Гуырдзыстоны централон æвзарæн камисæн 2013 азæй къухдари уæг кæны.