Цæгат Кореяйы фарстыл ИНО уæлрадон рабадт сараздзæн
Цæгат Кореяйы фарстыл ИНО  уæлрадон рабадт сараздзæн

ИНО-йы æдадзсинады советы уæнг  бæстæты министртæ Пхеньяны  атомон программæйы æмæ  Цæгат Коеряйы  адæймаджы  барты  æрдгæй  уæвæг уавæры фæдыл  фæтæрхон кæндзысты.  «Reuters»-ы информацийæ,   уæлрадон  фембæлд  11  æмæ 15 декабрьмæ у нысангонд.

Рабадтыл хайад райсын ацы афонмæ не сбæлвырд кодта  Цæгат Кореяйы  сæйрагстратегион   партнеры –  Китайы  минæвар.  Фембæлдыл  2014 азæй абоны онг, Цæгат Кореяйы  адæймаджы барты  уавæры фæдыл  ИНО-йы  бакуыст хыгъдлæвæрд æркæсдзысты.  Хыгъдлæвæрды мидæг дзырдæуы,  цæмæй  Ким Чен Ыны   режим, йæ сæрмагонд æмбæстæгты ныхмæ  æртыккаг рейхы  нацистон  Германийы методтæй архайы.