Бынæттонты информацийæ, оккупацион хаххы дæргъмæ сæумæрайсомæй патрул кæнынц 15-ы онг хæдтулгæ
Бынæттонты информацийæ, оккупацион хаххы дæргъмæ  сæумæрайсомæй патрул  кæнынц  15-ы онг  хæдтулгæ

 

Оккупацигонд территорийыл,  оккупацион хаххы дæргъмæ сæумæрайсомæй  15-ы бæрц  хæдтулгæ  патрул кæны –  уый фæдыл  Фыццаг Къаналæн   оккупацион  хаххы цур  уæвæг  Адзвийы  хъæуы  цæрджытæ фехъусын кодтой.

Бынæттонтæ  куыд дзырттой  афтæмæй Аздзвиставийы хъæуы æфсæддæттæ  кæй фæзындысты  уый баст  оккупациион  режимы ахæлиугонд   фидиуæнимæ,  кæцыйы мидæг де-факто  режимы а.х.  æдадзсинады комитет,  оккупацийы  хаххы гæрон  цæрæг адæмы фæдзæхсы,   цæмæй  нæ бауадздзысты религион мадзæлтты ауадзын æмæ   «арæныл ахиизыны алы  архайд цæхгæр кæрон скæндзысты».

Оккупацион редимы   рагфæдзæхст  æмæ  Джеоргуыбайы бæрæгбонмæ  гæсгæ, а.х.  арæны  кантролы фæтыхджындæры фæстæ,   Атъены æмæ Гуры  митрополиты  уынаффæйæ,   оккупацигонд  хъæу Адзвиставийы  цур,   сыгъдæг Гиоргийы   номыл   аргъуаны хуыцаумæскуывд  ацы аз нæ ацæудзæн.  Адзвиставийы   бæсты  Атъены æмæ  Гуры митрополит,  литургийы  уадзы  Адзвийы  уæвæг  Самебайы  аргъуаны.

Афтæма, Фыццаг Къаналы  журналисты информацийæ,  Адзвийы хъæуы цур сты  гуырдзиаг  барадхъахъхъæнджытæ дæр.