Бынæттон медийы информацийæ, Китай, Гонг-Конгы сыхаг провинцимæ æфсæддон техникæ æрвиты
Китай, Гонг-Конгы сыхаг Шенджены провинцимæ æрвиты æфсæддон техникæ.
Китайаг рауагъдад «Пиплс Дейли», социалон хызаг «Твиттеры» публикаци кæны видео-кадртæ, кæцыты мидæг дзырдæуы, цæмæй Китайы пъæлицæйы зæгъæрхæдтулгæтæ сахар Шенджены провинцийы ахуыртæм цæттæ кæнынц.
Фæнысангонд æрмæг Гонг-Конгы 10 къурийы дæргъы цæугæ протестон акциты фоныл ахæлиу ис. Гонг-Конгы протестон акцийы хайадисджытæ, сæрыфыццагæй экстрадицийы даууаг закъонопроект протест кодтой, ныр та администрацийы къухдариуæггæнæджы Кери Ламы куыстæй сисын домынц. Пекины дзурынц, цæмæй Гонг-Конгы акцийы хайадисджытæ «Зынгимæ хъазынц» зæгъгæ.