Бундестагы вице-президент – Кæд Путин историйы кой кæны, уæд æрымысæд, цæмæй 1991-азы бæлвырд арæнтæ абсолютонæй хъауджы сты Украинайы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы цы æрцыд уымæй
Гурмæ куы ныццыдтæн, уæд федтон телтæй æмбондтæ, быргæ оккупацийыреалондзинад æмæ агресси, мæнмæ уый тынгг уæззау тæлмæн скодта – уый тыххæй бундестагы ымце-президент Клаудиа Ротт Батумы æхсæнадæмон конференцийы фæлгæтты уагъд сессийыл «Партнерады 10 аз, фыццаг къахдзæфтæ Европаг фæндагыл», райхъусын кодта.
«Уырнæг дæн, «Скæсæн Партнерад» у æнтысты истори. Фæстаг дæс азы дæргъы бирæ стыр фæстиуæг райстæуыд. Ацы æнтыстытæ сæрмагондæй нысаниуæгджын сты абоны боны уавæрæй. Мæнæн та фылдæр нысаниуæгджын уый у, цæмæй къулты бæсты хидтæ аразын хъæуы. Уый тыххæй ацы æнтыст мæнæн сегасæй нысаниуæгджын дæр у», – райхъусын кодта Клаудиа Ротт.
Германийы Бундестагы минæвары дзырдæй, Еворцæдисмæ интеграцийæн æнæмæнгхъæугæ у реформæты фæхуыздæр кæнын.
«Ма хъуамæ æрцæуа афтæ, цæмæй бæстæ исты нысанмæ баххæсса, стæй фæлæууа æмæ зæгъа, цæмæй райгонд æмæ йæ дарддæр ницыуал хъæуы. Нæй, ноджы ма хъæуы реформæты æххæстаргъджын скæнын уый тыххæй, цæмæй ацы бæстæты Евроцæдисмæ интеграци æрцæуа. Гурмæ куы ныццыдтæн, уæд федтон телтæй æмбондтæ, быргæ оккупавцийы реалондзинад æмæ агресси, мæныл уый тынг æвзæр тæлмæн скодта. Кæд Владимир Путин историйы кой кæны, уæд æрымысæд цы æрцыд 1991 азы, куы фæбæрæг сты арæнтæ æмæ уыдон бынтон хъауджы сты, Украинайы, Хуссар Ирыстоны, Абхазы цы æрцыд уымæй. Мах куыд Евроцæдис, æнæмæнгæй хъуамæ сæххæст кæнæм фылдæр активон роль конфликтты сабырадонæй аскуыддзагы тыххæй. Æхсæнадæмон барады хæлдимæ нæ фидауы уыцы хидтæ, кæцытæ ай йас куысты фæстиуæгæн сырæзт æндæр æмæ æндæр бæстæйы æхсæн», – райхъусын кодта Бундестагы вице-президент.