«Бухаресты Фарасты»  саммиты  иумæйаг декларацийы  дзырд ис  Гуырдзыстонæн  хъæддых æххуысы  фæдыл
«Бухаресты Фарасты» саммиты иумæйаг декларацийы дзырд ис Гуырдзыстонæн хъæддых æххуысы фæдыл

«Бухаресты Фарасты» саммиты  иумæйаг  декларацийы  Гуырдзыстоны æрдæм  хъæддых  фарсхæцын  разагъдæуыд.

Саммитыл,  кæцы  Польшæйы, Румынийы, Словакийы, Венгрийы, Болгарийы, Чехийы  æмæ Балтийы  æртæдæр  бæстæйы фыццаг уæнгтæ, афтæма  НАТО-ы  генералон  нымæрдар  æмæ АИШ-ы  президент  истой  хайад,  цæттæдзинад равдыстой  Централон Европæйы , балтийы æмæ Сау Денджызы  регионы бæстæтимæ  æмгуыстад  фæарфдæр кæныны фæдыл.

«Адарддæр  кæндзыстæм кусын  æмхъуыдыджын  партнертимæ, сæрмагондæй та  нæ  сыхы,  диалогы фæарфдæры æмæ  практикон   æмгуыстады  тыххæй», – дзырдæуы  декларацийы.  Уым ма афтæдæр кæсæм: «Ноджы  иу  хатт  бæлвырд кæнæм  нæ  хъæддых  фарсхæцын  Гуырдзыстон, Украина æмæ  Молдовæйы  Республикæйы  хæдбарад, суверенитет æмæ   территорион æнæхъæндзинадæн, сæ æхсæнадæмонæй  нымад  арæнты. Сæ Европаг æмæ Евроатлантикон   тырнынадтæ  сыххæсты рæстæджы, ацы  бæстæтæ  пайда кæндзысты нæ   æххуысæй,  цыфæнды æддæ хифæкæныны  ныхмæ  сæ  хъæддыхдзинад фæфидардæр кæнынæн», –  дзырдæуы декларацийы.