Брюселы абон Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоцирдзинады парламентон рабадт сырæздзæн
Брюселы абон Евроцæдис-Гуырдзыстоны ассоцирдзинады парламентон рабадт сырæздзæн
Ассоцирдзинады парламентон комитеты сæрдарты, Европаимæ интеграцийы комитеты сæрдар Тамар Хулордава æмæ Европарламенты уæнг, Саджад Каримы къухдариуæгæй æхсæзæм рабадт сырæздзæн – уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны парламент парахат кæны.
Сæ информацийæ, Евроцæдис-Гуырдзыстоны æммахастыты бакастæн Гуырдзыстоны парламенты æмæ Европарламенты уæнгтæ Гуырдызстоны хицауад æмæ Евроцæдисы бæрнонтæм байхъусдзысты.
«Рабадтыл партнертæ бакæсдзысты ассоцирдзинады къухфыст æмæ сæрибар базарады бадзырды реализаци, Гуырдзыстоны цæугæ демократион реформæтæ æмæ конституцион ивæндзинæдты, фæуынаффæ кæндзысты барадхъахъæнон сферайы уæвæг уавæрыл. Парламенты куысты гом хицаудзинады принципты бындурæвæрд æмæ афтæ дæр бæстæйы экономикон размæцыды плантыл.
Комитеты, Гуырдзыстоны окупиргонд теритоитыл уæвæг уавæр æмæ хицауады сабырадон политикайы бафидауын æмæ гражданон интеграцийы фарстаты Гуырдызстоны паддзахадон министр, Кетеван Цихелашвили, гуырдызстоны адæймагы барты уавæр адæмон хъахъæнæг Нино Ломджария базонгæ кæндзæн. Рабадты фæуды фæстæ, Евроцæдис-Гуырдзыстон ассоцирдзинады парламентон комитет расидæн æмæ рекомендаци райсдзæн. Евроцæдис-Гуырдызстоны парламентон ассоцирдзинады комитет у конд, иу æрдыгæй Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæй æмæ Европарламенты уæнгтæй.
Ассоцирдзинады бадзырдмæ гæсгæ, парламентон ассоцирдзинады комитет æххуыс кæны парламентон дипломатийы размæцыдæн æмæ Европарламент æмæ Гуырдызстоны парламенты æхсæн бастдзинады фæарфдæрæн» – ис фыст парламенты апарахатгонд раисдæны.