Британийы рагысгарæг куыст – Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фæнды, сæхæдæг сконтрол кæной  компенсацитæ  бафыст Украинайы фæмардуæвæг æфсæддæтты  бинонтæн, цæмæй  зианы реалон масштаб басусæг кæной
Британийы рагысгарæг куыст – Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фæнды, сæхæдæг сконтрол кæной компенсацитæ бафыст Украинайы фæмардуæвæг æфсæддæтты бинонтæн, цæмæй зианы реалон масштаб басусæг кæной

Уæрæсейы  хъахъхъæнынады министрады фæнды,  сæхæдæг сконтрол кæной  компенсациты бафыст  Украинайы  фæмардуæвджыты  бинонтæн, цæмæй реалон   зианы  бæрц  басусæг кæной – уый фæдыл   дзырдæуы   Стыр Британийы  хъахъхъæнынады  уагдоны  рагысгарæгон хъусинæгты.

«Уæрæсейы  хъахъъæнынады министрады æнхъарæнæй, æмбæстагон  чиновниктæ  нæ фæлæ  æфсæддæттæ  хъуамæ  контрол кæной  фæмардуæвæг  æфсæддæтты  ибнонтæн   компенсациты  бафыст. Уый гæнæн ис   зианы  реалонмасштаб басусæг кæнынæн уа» –  дзырдæуы  рагысгарæгон  информацийы.

Уымæй  дарддæр ма,  сæ информацийæ,   Уæрæсейы  Федераци  тынг  чысыл æнтыстмæ  æрцыд, бырсты  фокус  Донбассы  оккупацийыл  саразын куы  ахицæн кодта уый фæстæ. Хъæугæ логитсикон  æмæ  хæстон æххуысæй цух рахатинаг æнтыстыл  ныхас  гæнæн нæй.

Уæрæсейы уынаффæ,  штурмы  бæсты блокировкæ скодтаит  «Азовсталы»  завод,  йæ  хъуыдыйы  дары Мариуполы  бирæ  дæлхайад  арæн скæнын, сæ  дислокацийы ивдæй цух.

Рагысгарæгон хъусинæгтæй, украинаг хъахъхъæнджытæ,  стыр зиан   рхастой  уырыссаг  дæлхайадтæн  æмæ сæ хæцæн  фæрæзтæ  фæлæмæгъ кодтой.